АЗАР

АЗАР!

Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
О мæ хуры хай,
Азар-ма, чызгай!..
Мах бар нал ысты нæ сæртæ…
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
Не ссау фырмæстæй?
Адæмы мæтæй!..

Адæмæн зæхх у сæ дарæг…
Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг,
О мæ бон-иу зæгъ,-
Байстой нын нæ зæхх!..

Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын…
Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..
Ма фæлидз тæргай,
О мæ хуры хай!..

 

Iron Fendır

Hits: 52