ДЫУУÆ ХАЛОНЫ

ДЫУУÆ ХАЛОНЫ

Халон халонмæ тæхы,
Халон халонæн зæгъы:
– Халон! Цæй-ма, ныр цы хæрæм?
Сихорæн амал цы скæнæм?

Дзуры йæм фæстæмæ халон:
– Сихор нын цæтгæ у абон, –
Терчы былыл та, хъæугæрон,
Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон…

Iron Fendır

Hits: 62