Ихджын дæ, ихджын суадон

Ихджын дæ, ихджын суадон

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон. ☺ (2 хатты)

Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди. ☺ (2 хатты)

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не ссардтон.
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон. ☺ (2 хатты)

Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
☺Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис. ☺ (2 хатты)

Урс доны былыл сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон.
☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты)

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзух дæр æм нæрын цæуы.
☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзух дæр æм кæуын цæуы. ☺ (2 хатты)

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон. ☺ (3 хатты)

Hits: 92