Ихджын дæ, ихджын суадон

Ихджын дæ, ихджын суадон

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон. ☺ (2 хатты)

Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди. ☺ (2 хатты)

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не ссардтон.
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон. ☺ (2 хатты)

Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
☺Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис. ☺ (2 хатты)

Урс доны былыл сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон.
☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты)

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзух дæр æм нæрын цæуы.
☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзух дæр æм кæуын цæуы. ☺ (2 хатты)

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон. ☺ (3 хатты)

Hits: 93

Бахсæв и

Бахсæв и.  Бæстæ ныссабыр.
Иу сыбыртт нал ахсы хъус.
Арвæй цæлхы дзаг мæй дардыл
Тауы йæ сыгъзæрин рухс.

Бадын та иунæгæй уаты.
Хъуыдыты аныгъуылд сæр.
Рог дымгæ ‘рбахæссы дардæй
Хаттæй-хатт доны сæр-сæр.

Зæрдæ та дард фæндтыл дзуры,
Цу \’мæ йын исты ды зæгъ!
Æй-джиди, февзæр дæ цуры
Ацы сæрдыгон изæр!

Хъæлдзæгæй абад дæ цуры,
Акæн зæрдæбын ныхас!
Уарзоны рухс цæстæнгасæй
Царды цин нуаз æмæ нуаз!

Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ,
Не ’хсæн 
 быдыртæ ‘мæ хох.
☺ Фæлæ дæ никуы, мæ зæрдæ,
Никуы фæкæндзынæн рох! 
☺ (2 хатты)

Hits: 0