ЗОНЫН

ЗОНЫН

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
“Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,-
Ницæмæн уал уыд дæ цард!”
Зонын, æргæвддзыстут исты,-
Мардыл ма чи дары ком?
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,
Ничиуал зондзæн мæ цырт.

 

Iron Fendır

Hits: 30