ФЕСÆФ

ФЕСÆФ

Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлзæхх фæу
Ме ‘намондимæ!

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст-зæрдæхалæн,
Йæ тых басæтта!

Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд…
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд!..

Дзырд хуыцауы раз
Радта иннæмæн,-
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн…

Гъей чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн?.
Цæй, дæ хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг!..

Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзæгон бонау,
Ныр æрымысын
Æз, фынфенæгау…

Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам

Уарзон ныхæстæ
Цард æнхъæлæджы?!.
Гъей, цы хъал уыдтæн
Уыцы рæстæджы!..

Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд:

Йе йæ топпæй хъазт,
Йе йæ бæхыл бадт,
Йе йæ кæсгон кафт,
Йе йæ цæгъдгæ зард!..

Дæу сырх дарийæ
Хорз æсфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста…

Риуы ‘гънæджытæ
Хъазынц стъалытау…
Уæд дæ хæрдгæ хуыд,
Уæд дæ алы ‘гъдау!..

Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлзæхх фæу
Ме ‘намондимæ!

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст-зæрдæхалæн,-
Йæ тых басæтта!

 

Iron Fendır

Hits: 46